Цомахъ[1] кæнæ домбай[2] (лат. Panthera leo) у, хомхорты къорды гæдыты бинонадмæ чи хауы, æхсырæйхæсгæ цæрæгойты ахæм хуыз.

Цомахъ
Цомахъ
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Æхсырæйхæсджытæ
Къорд: Хомхортæ
Бинонад: Гæдыхуызтæ
Мыггаг: Пантерæтæ
Хуыз: Цомахъ
Латинаг ном
Panthera leo Linnaeus, 1758
ITIS 183803
NCBI 9689

Цомахътæ сты ахæм гæзæмæ хомхортæ, æрдон диморфизм кæмæн ис. Хъомыл нæл цомахъæн ис бæзджын барц, æмæ у сылæй дзæвгар ставддæр.

Цомахъ бахъомыл вæййы 5 азы кармæ.

Цомахътæн, æндæр дынджыр гæдытимæ абаргæйæ, ис æнахуыр цардыуаг — цæрынц стыр бинонты (прайдтæй). Цуан кæнынц æмæ лæппынтæм зилынц, фылдæр, сылтæ, нæлтæ та хъахъхъæнынц территори.

Кæс ноджы

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Цгъойты Хазби. Рох дзырдтæ // «Рæстдзинад», №190, 2016 азы 13 октябрь
  2. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I-æм том