Лигурийы денджыз
Лигу́рийы денджыз (этимологи: Ронæйы цæугæдоны тæрфы чи царди, уыцы рагон знæмы ном уыди лигуртæ) у, сакъадæхтæ Корсикæ, Эльбæ æмæ Генуяйы бакæлæны донбылты ’хсæн чи ис, Зæххастæуы денджызы уыцы хай.
Лигурийы денджыз | |
---|---|
итал. mar Ligure, фр. mer de Ligurie | |
![]() | |
Характеристикæ | |
Стырдæр арф | 2546 м |
Ран | |
43°26′27″ с. ш. 8°56′15″ в. д.HGЯO | |
![]() |
Æхсы Франц, Монако æмæ Италийы былтæ.
Денджызы фæзуат у 15 000 км², рæстæмбас æрфад — 1 200 м. Донбылтæ фылдæр сты тыхуырдыг æмæ къæдзæхджын, кæмдæрты ис змисджын пляжтæ.
Сæйраг порттæ: Генуя, Савонæ, Специ (Итали), Ниццæ (Франц).