Люксембу́рг (люксемб. Lëtzebuerg; фр. Luxembourg; нем. Luxemburg; уæллаг немыцаг æвзагыл — гыццыл сахар) у Ныгуылæн Европæйы паддзахад, НАТО, Европæйы Цæдис æмæ Бенилюксы уæнг. Люксембургæн денджызмæ бацæуæн нæй. Арæнтæ йæм ис Бельги, Герман æмæ Францимæ. Йæ сæйраг сахар у Люксембург.

Номдзыд Герцогад Люксембург
люксемб. Groussherzogtum Lëtzebuerg
фр. Grand-Duché de Luxembourg
нем. Großherzogtum Luxemburg
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Mir wëlle bleiwe wat mir sin»
«Мах фæнды, цы стæм, уый баззæйын»
Гимн: «Ons Hémécht»
Официалон æвзаг люксембургаг, францаг, немыцаг
Сæйраг сахар Люксембург
Стырдæр сахартæ Люксембург
Хицауиуæджы хуыз Конституцион монархи
Территори
 • Æдæппæт 2 586,4 км²
 • Доны уæлцъары % нæй
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 439 539 ад.
 • Æнгомад 171 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2006) 33 870 млн. долл.
Валютæ евро
Интернет-домен .lu
Код ISO LU
ÆОК-ы код LUX
Телефонон код +352
Сахатон таг +1
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Бæстæйы фæзуат у 2 586 км², уымæй у дунейы чысылдæр паддзахæдтæй иу. Цæрынц дзы 442 972 адæймаджы.

Бæстæйы паддзах у Номдзыд Герцог Анри æмæ йæ сæйраг министр у Жан-Клод Юнкер.

Люксембурджы валютæ у евро.

Люксембурджы адæм сты чырыстон (сæ фылдæр сты католиктæ).