Мæликк — æмбæлы кадджыты, таурæгъты, аргъæутты. Нартæн мæличчытæ сты се знæгтæ, хæцынц семæ. Уыцы тохы сын æххуыс сты сæ хорз сыхæгтæ. Мæличчытæ сты бонджын паддзæхтæ æмæ æлдæрттæ. Дарынц æххуырстытæ, ис сæм бирæ зæхх, æфсад æмæ хъæздыгдзинæдтæ, сты æгъатыр, ныхилынц искæй исбонмæ, амондмæ. Алæмæтон аргъау «Мæликк æмæ Цуанон»-ы Мæликк Цуанонæн исынвæнд скодта йæ усы дæр ма. Фæлæ фыдвæнд йæхиуыл æрцыд – Цуанон ын йе ’фсады ныддæрæн кодта æмæ Мæличчы паддзахад йæхи баци.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.