Мæнгард («йæ ард чи сæтты, ахæм») – ирон æхсæнад ард фехалæджы æрмæст уайдзæфы аккагыл нæ нымадта, фæлæ ма-иу ыл арæх хъоды дæр бакодта æмæ-иу æй афтæмæй йæ райгуырæн хъæуæй нæ, фæлæ Ирыстонæй дæр фæлидзын кодта. Раздæр-иу ирон адæмæй Ирыстоны арæнты æдде чи ’рцардис, уыдон æхсæн хъæубæстæ хъоды кæуыл бакодтой, ахæм мæнгард бинонтæ чысыл нæ уыдис[1].

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.