Магомедов, Магомедсалам Магомедалийы фырт
Магомедсалам Магомедов (1964-æм азы 1 июны, Леваши, Дагъистан) у Уæрæсейы паддзахадон æмæ политикон архайæг, Дагъистаны президент (2010 — 2013).
Магомедсалам Магомедалийы фырт Магомедов | |
---|---|
2010-æм азы 20 февралы — 2013-æм азы 28 январы | |
Раздæр чи уыд | Муху Гимбаты фырт Алиев |
Фæстæдæр | Рамазан Гаджимурады фырт Абдулатипов |
2006-æм азы февраль — 2007-æм азы апрель | |
Раздæр чи уыд | Муху Гимбаты фырт Алиев |
Фæстæдæр | Магомед Валибаганды фырт Сулейманов |
Райгуырдис |
1964-æм азы 1 июны (60 азы) |
Фыд | Магомедали Магомеды фырт Магомедов |
Парти | Иугонд Уæрæсе |
Ахуырад | |
Ахуырадон къæпхæн | экономикон зонæдты доктор[d] |
Ахуырадон ном | профессор[d] æмæ профессор[d] |
Професси | экономист |
Дин | пысылмон |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Магомедсалам Магомедов у Дагъистаны раздæры сæргълæууæг Магомедали Магомедовы фырт, Муху Алиевы фæстæ Дагъистаны дыккаг президент (2010-æм азы 10 февралæй). У даргинаг адæмыхаттæй. Магомедов райста хорз ахуырад, у экономикон зонæдты доктор.
Политикон карьерæ
ивынЙæ политикон карьерæйы дæргъы дыууæ хатты уыдис Дагъистаны Адæмон æмбырды (парламенты) депутат. 2006-æм азы февралæй 2007-æм азы апрелы онг уыдис уыцы æмбырды сæрдар. У политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнг.
Спорты карьерæ
ивын1990-æм азы Магомедов æртæ хъазты ахъазыдис Махачкалайы «Динамо»-йы дуаргæсæй. Уыцы аз «Динамо» хъазыдис Советон Цæдисы дыккаг футболон лигæйы. 2001—2002 азты уыдис футболон клуб «Анжи»-йы вице-президент.