Магомедов, Магомедсалам Магомедалийы фырт

Дагъистаны президент

Магомедсалам Магомедов (1964-æм азы 1 июны, Леваши, Дагъистан) у Уæрæсейы паддзахадон æмæ политикон архайæг, Дагъистаны президент (2010 — 2013).

Магомедсалам Магомедалийы фырт Магомедов
Тырыса
2-æм Республикæ Дагъистаны президент
Тырыса
2010-æм азы 20 февралы — 2013-æм азы 28 январы
Раздæр чи уыд Муху Гимбаты фырт Алиев
Фæстæдæр Рамазан Гаджимурады фырт Абдулатипов
Тырыса
2-æм Дагъистаны Адæмон Æмбырды Сæргълæууæг
2006-æм азы февраль — 2007-æм азы апрель
Раздæр чи уыд Муху Гимбаты фырт Алиев
Фæстæдæр Магомед Валибаганды фырт Сулейманов
Райгуырдис 1964-æм азы 1 июны(1964-06-01) (60 азы)
Фыд Магомедали Магомеды фырт Магомедов
Парти Иугонд Уæрæсе
Ахуырад
Ахуырадон къæпхæн экономикон зонæдты доктор[d]
Ахуырадон ном профессор[d] æмæ профессор[d]
Професси экономист
Дин пысылмон
Хорзæхтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Магомедсалам Магомедов у Дагъистаны раздæры сæргълæууæг Магомедали Магомедовы фырт, Муху Алиевы фæстæ Дагъистаны дыккаг президент (2010-æм азы 10 февралæй). У даргинаг адæмыхаттæй. Магомедов райста хорз ахуырад, у экономикон зонæдты доктор.

Политикон карьерæ

ивын

Йæ политикон карьерæйы дæргъы дыууæ хатты уыдис Дагъистаны Адæмон æмбырды (парламенты) депутат. 2006-æм азы февралæй 2007-æм азы апрелы онг уыдис уыцы æмбырды сæрдар. У политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнг.

Спорты карьерæ

ивын

1990-æм азы Магомедов æртæ хъазты ахъазыдис Махачкалайы «Динамо»-йы дуаргæсæй. Уыцы аз «Динамо» хъазыдис Советон Цæдисы дыккаг футболон лигæйы. 20012002 азты уыдис футболон клуб «Анжи»-йы вице-президент.

Фиппаинæгтæ

ивын