Маньчжоу-го
Маньчжоу-го (Маньчжуры паддзахад, кит. 大滿洲帝國 «Даманьчжоу-диго» — Маньчжуры Стыр Импери), уыд, Японы æфсæддон администраци кæй сарæзта, ахæм дæлбар паддзахад (импери) нырыккон Китайы цæгат-скæсæны. 1945-æм азы 19 августы сырхæфсæддонтæ Маньчжоу-гойы император Пу Ийы æрцахстой аэропорт Мукдены — йæ зæрды уыдис алидзын АИШ-ы æфсадмæ. 1949-æм азæй Маньчжоу-го бацыдис Китайы Адæмон Республикæйы скондмæ.
Марионетон паддзахад | |||||
Маньчжоу-го | |||||
---|---|---|---|---|---|
大滿洲帝國 | |||||
|
|||||
|
|||||
|
|||||
Сæйраг сахар | Синьцзин | ||||
Æвзаг | цæгат китайаг æвзаг[d], япойнаг, мангойлаг æвзаг, маньчжураг æвзаг[d] æмæ æмбалады æвзаг[d] | ||||
Официалон æвзаг | китайаг æвзаг, япойнаг æмæ маньчжураг æвзаг[d] | ||||
Дин | конфуциад[d], буддизм æмæ синтоизм[d] | ||||
Æхцайы иуæг | Маньчжоу-гойы юань | ||||
Фæзуат |
|
||||
Хицауиуæджы хуыз | Импери | ||||
Династи | Айсиньгиоро | ||||
Паддзахады хицаутæ | |||||
Уæлдæр хицауиуæггæнæг | |||||
• 1932 — 1934 | Пу И | ||||
Император | |||||
• 1934-1945 | Пу И | ||||
Викикъæбицы медиа |
Нациты Лигæ Маньчжоу-гойы хæдбардзинад банымайыныл не сразы ис, æмæ уый охыл 1934-æм азы Японы импери рацыдис уыцы организацийæ. Уæды дунейы цы 80 паддзахады уыди, уыдонæй Маньчжоу-го банымадтой 23, се ’хсæн Советон Цæдис æмæ Герман.
Чи кæд банымадта Маньчжоу-го:
- Японы импери — 1932 16 сентябры
- Сальвадор — 1934 3 мартъийы
- Ватикан — 1934 18 апреля (де-факто)
- Итали — 1937 29 ноябры
- Испани — 1937 2 декабры
- Герман — 1938 12 майы
- Венгри — 1939 9 января
æмæ æндæртæ.