Мангол
Манго́л[1], Монголи дæр (манг. Монгол Улс) у паддзахад Азийы, Уæрæсе æмæ Китайы сыхаг.
- Фæзуат: 1 565 000 км² (дунейы 18-æм).
- Цæрджыты нымæц: 2 712 315 адæймаджы (2003-агæм азы).
Мангол | |||||
---|---|---|---|---|---|
Монгол Улс | |||||
| |||||
Девиз: «Даяар Монгол» | |||||
Манголы паддзахадон гимн | |||||
Официалон æвзаг | мангойлаг | ||||
Сæйраг сахар | Улан-Батор | ||||
Стырдæр сахартæ | Улан-Батор, Эрдэнэт, Дархан | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Парламентон республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 1 564 116 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 0,6 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 2 832 224 ад. | ||||
• Æнгомад | 1,8 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2006) | 5,781 млрд. долл. | ||||
Валютæ | Манголы тугрик (MNT) | ||||
Интернет-домен | .mn | ||||
Код ISO | MN | ||||
ÆОК-ы код | MGL | ||||
Телефонон код | +976 | ||||
Сахатон таг | +7 … +8 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Манголы цæрджытæй сæ фылдæр цæрынц быдыры, хизынц фос. Уыцы бæстæйы бирæ сахартæ нæй (фен Манголы сахарты номхыгъд). Алы Манголы цæрæгæн хауы 12 стуры. Фосдарынады кусынц мангойлæгты 42%.
Истори
ивынXIII æнусы Мангол уыдис дунейы историйы стырдæр империйæн йæ зæрдæ. Уыцы империйы бындур сæвæрдта мангойлаг адæмы иугæнæг Чингисхан.
Нырыккон Мангол, куыд хæдбар паддзахад, сæвзарди 1911-æм азы. Китай 1949-æм азы онг разы нæ уыд Манголы хæдбардзинадыл.
Административон дихдзинад
ивынМанголы 22 провинцийы ис (провинци та мангойлагау у аймаг). Сæйраг сахар Улан-Батор у хицæн административон субъект.
Политикæ
ивынМанголы ис цалдæр политикон партийы, уыдонæй тæккæ тыхджындæр сты Адæмон революцион парти æмæ Демократион парти.
Манголы президент у Халтмаагийн Баттулга, 2017-æм азы равзæрст[2].
Экономикæ
ивынЭкспорт
ивынÆрхуы, молибдены концентрат, флюорит, кæсæмир, къуымбил, стуры царм сты сæйраг экспортон товартæ. Манголы ис æфсæнæрзæт æмæ дурæвзалыйы рæдзæгъдтæ, æндæр минералон ресурстæ.
2003 азы уавæрмæ гæсгæ сæйраг экспортон партнёртæ уыдысты: Китай — 46,7%, АИШ — 32%, Уæрæсе — 6,5%, Хуссар Корей — 5,1%.
Импорт
ивынНефтæй конд продукттæ, индустрион ифтонггæрзтæ, фæлхасгæнæн товартæ.
2003 азы уавæрмæ гæсгæ сæйраг импортон партнёртæ уыдысты: Уæрæсе — 33,9%, Китай — 19,8%, Хуссар Корей — 12,1%, Герман — 5,2%.
Транспорт
ивынАвиаци
ивын2004 азы уавæрмæ гæсгæ бæстæйы ис 36 аэропорты. Уыдонæй 11 аэропорттæн ис хъæбæр стæхæн таг.
Кусынц:
- Авиакомпани «Ульгий-Транс»
- Авиакомпани «Аэро Монголиа»
- Мангойлаг авиакомпани МИАТ
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ирон-уырыссаг дзырдуат. Сарæзтой йæ: Бигъуылаты Б., Гагкайты Хъ., Гуыриаты Т., Хъуылаты Г., Гуаты О. Дзæуджыхъæу, «Алания», 2004 — 540 ф.
- ↑ На выборах президента Монголии победил кандидат от оппозиционной партии