Морави (чех. Morava, слов. Morava, нем. Mähren) у историон регион Чехийы хуссар-скæсæны, моравæгты бæстæ.

Моравийы герб
Моравийы тырыса
Морави Чехийы картæйыл
Стыр Моравийы картæ (822-907)

822—907 азты Моравийы паддзахад уыдис Европæйы стырдæр паддзахæдтæй иу, афтæ хуынд Стыр Морави. Йæ кæрон ын æрцыдис, венгриаг знæмтæ (семæ ясæгтæ дæр) Европæмæ куы æрбацыдысты, уæд. Моравийы зæххытæ æнусы æрдæгмæ (955-æм азы онг) систы венгриаг æфсæдтæн сæ базæ, ардыгæй балц кодтой сыхагон европæйаг регионтæм.