Москитон былгæрон

Москитон былгæрон (англ. Mosquito Coast) у мискитойаг адæмы номæн хуынд æрдзон бæстæ Централон Америкæйы Карибы денджызы былгæрон. Бирæ рæстæг (16551860) æм бритайнаг интерестæ хъахъхъæнæг хицæн паддзахад уыди, фæлæ йæ 1894 азы байста Никарагуæйы хицауад. 1960 азы Æхæснадæмон юстицийы тæрхондон Москитон былгæроны цæгатаг хай радих кодта Гондурасæн[1]. Москитон былгæроны фылдæр хай баззæд Никарагуæйы. Регионы стырдæр сахар у Блуфилдс, Атлантикон Цæгаты автономон регионы центр.

Сырх ахорæнæй бæрæггонд у Москитон былгæрон

Цæрджытæ

ивын
 
Англисагау дзурæг Блуфилдсы цæрæг креол

Москитон былгæроны цæрынц Никарагуæйы 118 мин адæймаджы, уыдонæй 57% сты мискито, 22% креолтæ (африкаг-европæйаг къайæдты байзæддæгтæ), 15% метистæ (индейаг-европæйаг), 4% сумойаг адæм (индейаг), 1% гарифунæйаг адæм (индейаг-африкаг), 0,5% чинтæ æмæ 0,5% рамæйæгтæ (индейаг)[2].

Бынæттон цæрджытæн сæвзæрди хигъæдон культурæ; дзурынц, испайнаг æвзаджы йеддæмæ, англисаг æвзаджы здæхтытыл, мискитойаг, сумойаг æмæ æндæр æвзæгтыл.

Туризм

ивын

Блуфилдсæй 70 километры æдде чи сты, уыцы Нартхоры сакъадæхтæ (Корн сакъадæхтæ) æппæлинаг курорт сты.

Фиппаинæгтæ

ивын