Мтацъминда (пантеон)
Гуырдзыстоны фысджытæ æмæ æхсæнадон архайджыты пантеон Мтацъминда (гуырдз. ქართველ მწერალთა და საზოგადო მოღვაწეთა მთაწმინდის პანთეონი) у, Гуырдзыстоны зындгонд фысджытæ, артисттæ, ахуыргæндтæ æмæ национ хъайтартæ ныгæд кæм сты, уыцы некрополь Тбилисы, Гуырдзыстоны.
Æрбынат кодта, Мтацъминдайы хохы фахсыл Сыгъдæг Давиды номыл цы аргъуан ис («Мамадавити»), уый алфамбылай территорийыл. Официалон æгъдауæй байгом чындæуыд 1929-æм азы.