Муссолини, Алессандрæ

Алессандрæ Муссолини (итал. Alessandra Mussolini; райгуырдис 1962-æм азы 30 декабры) у Бенито Муссолинийы цыппæрæм фырт Романойы чызг, нырыккон италиаг консервативон политик. Зындгонд сси йæ дæрзæг комментаритæй. Зæгъæм, 2007-æм азы ноябры уый загъта æппæт румынæгтæ фыдгæнджытæ сты, зæгъгæ.

Алессандрæ Муссолини
итал. Alessandra Mussolini
Райгуырды датæ 1962-æм азы 30 декабры(1962-12-30)[1] (61 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад
Куысты мыггаг политик, модель, киноактрисæ, музыкант
Ахуырад
Дин католицизм
Парти
Фыд Романо Муссолини[d]
Мад Анна-Мария Шиколоне[d]
Сывæллæттæ Романо Флориани Муссолини[d]
alessandramussolini.it
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Йæ артисты карьерæ байдыдта 1970-æм азты, Софи Лоренæн бавæййы, æмæ уымæн, йæ хæстæджы æххуысæй.

1992-æм азы æвзæрст æрцыд парламентмæ Италийы социалон змæлдæй, уый та нымад у неофашистон организацийыл[2]. Неополы мэры бынатмæ æвзæрстыты дæр хайад иста, фæлæ фембылды. 2001-æм азы телеуынынады алæвæрд исыны рæстæг Алессандрæ нæмын райдыдта æмбар фадæтты министр Катя Беллиллойы, уыимæ ма йæ схуыдта «фыдуынд коммунист», кæцы «уадз æмæ Кубæйы цæра»[3].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Alessandra Mussolini // Roglo — 1997.
  2. Hans Slomp (2011). Europe, a Political Profile: An American Companion to European Politics. ABC-CLIO. p. 407.
  3. Alessandra Mussolini: Politician in stilettos (англ.)