Мысыкаты Мæхæмæт
Мысыкаты Аслæныхъойы фырт Мæхæмæт (райгуырдис 1881-æм азы Бруты — амардис 1937-æм азы) — медицинæйы доктор, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады архайæг, этнолог.
Мысыкаты Мæхæмæт | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1881-æм азы 15 июлы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1938-æм азы 7 сентябры (57 азы) |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | антрополог, этнограф |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивын1901-æм азы ссис Одессæйы университеты медицинон факультеты студент. Йæ царды уавæртæ хорз кæй нæ уыдысты, иудадзыг æхцахъуаг кæй æййæфта, уымæ гæсгæ уæгъд рæстæг кодта кусгæ дæр. Университет каст фæци 1907-æм азы æмæ интернæй бацыд Одессæйы сахары рынчындонмæ. Афæдзы фæстæ кусын райдыдта уыцы рынчындоны прозектурæйы хайады. Одессæйы цæргæйæ ныффыста докторы диссертаци «Ирæтты антропологийæн æрмæджытæ» («Материалы для антропологии осетин»). Джиппы йын æй рауагътой 1916-æм азы[1]. Афæдзы фæстæ æрыгон профессоры раивтой губернæйы рынчындонмæ прозекторы бынатмæ. Уымæй дарддæр лекцитæ кастис сахары медицинон техникумты.
1924-æм азы Мæхæмæты равзæрстой Одессæйы зонадон-техникон æхсæнады сæрдарæй. Зæрдиагæй архайдта адæмон университеттæ аразыныл. Уыцы аз ссыдис Дзæуджыхъæумæ æмæ кусын райдыдта Хæххон педагогон институты анатомийы кафедрæйы сæргълæууæгæй. Фæстæдæр ын йæ бæрны бакодтой адæймаджы физиологийы кафедрæ дæр. Уыдис институты советы уæнг.
Уыцы рæстæг ССР Цæдисы зонæдты академи ногæй бавнæлдта ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат аразынмæ (1913 азы дзырдуат аразæг В. Ф. Миллер амард æмæ куыст бакъуылымпы), æмæ уыцы хъуыддагмæ йе ’ххуысы хай бахаста Мысыкаты Мæхæмæт дæр. Дзырдуат æртæ томæй рацыди 1927–1934 азты.
Мæхæмæт йæ дохтыры æмæ педагогы куыстæй дарддæр йæхимæ иста æндæр хæстæ дæр: уыди Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты директоры хæдивæг, æрдзон-историон хайады сæргълæууæг, музейы къамисы сæрдар, ревизион коллегийы уæнг, Цæгат Ирыстоны зонадон кусджыты секцийы разамонæг. Профессор арæх цыдис хъæутæм, адæмæн æмбарын кодта хæцгæ низтæй, уæлдайдæр та рæуджыты низæй, хи хъахъхъæныны мадзæлттæ. Ацы æбуалгъ низы тыххæй профессор рауагъта брошюрæ дæр иронау.