Миллер, Всеволод Фёдоры фырт
Всеволод Фёдоры фырт Миллер (1848—1913) уыдис зынгæ уырыссаг этнограф, фольклорист, лингвист æмæ археолог. 1897-æм азæй лæууыдис Лазаревты скæсæйнаг æвзæгты институты сæргъы Мæскуыйы.
Всеволод Фёдоры фырт Миллер | |
---|---|
уырыс. Всеволод Фёдорович Миллер | |
Райгуырды датæ | 7 (19) апрелы 1848[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 5 (18) ноябры 1913[1] (65 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | æвзагзонынад, этнографи, фольклор[d], санскрит æмæ археологи[d] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Зонадон разамонæг | Фёдор Буслаев[d] |
Ахуыргæнинæгтæ | Сергей Шамбинаго[d] æмæ Александр Семёнов[d] |
Викикъæбицы медиа |
Миллер фондз хатты уыдис Ирыстоны. Уыцы экспедициты фæдыл рауагъта Мæскуыйы æртæтомон куыст «Ирон этюдтæ»:
- Фыццаг хай, «Осетинские тексты» (1881). Фольклорон тексттæ иронау, уыдоны ’хсæн нарты кадджытæй цалдæр.
- Дыккаг хай, «Исследования» (1882). Ирон æвзаджы фонетикæ æмæ бæстон грамматикæ. Уымæй уæлдай ирæтты диныл сæрмагонд хай.
- Æртыккаг хай, «Исследования» (1887). Историон æмæ этнографион иртæст.
Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу, раздæры Советты уынг, хæссы Всеволод Миллеры ном.
Уацмыстæ
ивын- Осетинские этюды (æртæ хайы, DjVu).
- Язык осетин (1962-æм азы тæлмац немыцаг оригиналæй).
Æддаг æрмæг
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 Большая российская энциклопедия (уырыс.) — Москва: Большая российская энциклопедия, 2004.