Нанитæ (уырыс. Наниевы, Нанишвили, Наниташвили) сты ирон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Раджы кæддæр Сажилзазы хъæуы — хауы Дзауы районмæ — царди лæг, йæ ном уыд Кошой. Кошойæн уыд цыппар фырты: Бæза, Нани, Нартых æмæ Диакъон. Уыдон нæмттæй рацыдысты мыггæгтæ: Бæзатæ, Нанитæ, Нартыхтæ æмæ Диакъонтæ. Нанийæн уыд фырттæ: Бошо, Буда, Доле, Хъарадзау æмæ Базыр. Долейæн амард йæ фырт, йæ чындз йæхи бар нæ уыд, афтæмæй баззад, фæлæ æгъдау домдта, цæмæй йæ цæгатмæ ацыдаид. Йæ цæгаты йын райгуырд фырт, схуыдтой йæ Къуылых, чи зоны, йæ мад къуылых кæй уыд, уымæ гæсгæ. Лæппу йæ лæджы кармæ куы схæццæ, бинонты хицау куы ссис, уæд йæ мыггаг рауад йæ номæй — Къуылыхтæ. Афтæмæй æввахс хæстæг æрвадæлтыл нымац цæуынц Бæзатæ, Нанитæ, Нартыхтæ, Диакъонтæ æмæ Къуылыхтæ. Нанитæ бындуронæй цардысты Начърепайы (Дзауы район).[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.