Насх (арабб. نسخ‎‎‎‎) у, араббаг фыссынадæй чи пайда кæны, уыцы æвзæгтыл фыссыны сæйраг æмæ тæккæ популярондæр фæтк (шрифтты мыггаг).

Хъуыраны сурæ «Аль-Имран»-ы фрагмент. Араббаг тексты стиль у тауки, рæнхъыты ’хсæн чысылдæр насхы дамгъæтæй — персайнаг дзырдæй-дзырдмæ тæлмац. Перс, XIV æнус

Насх араббаг бæстæты парахатæй ахæлиу ис XV æнусы æмæ аиуварс кодта, йæхицæй гуырахстджындæр æмæ вазыгджындæр чи уыди, уыцы сулюс. Насхмæ рафыстой Хъуыран, хадистæ æмæ æндæр пысылмон уацмыстæ.

Нæ рæстæджы, раджы кæддæр калиграфион стилыл чи нымад уыди, уыцы насх сси, ныртæккæ æппæт араббаг бæстæты фыссынæн кæмæй пайда кæнынц æмæ скъолаты кæй ахуыр кæнынц, ахæм растравгон æмæ тæккæ хуымæтæгдæр шрифт.

Компьютерты дæр араббагау фыссынæн насх у стандартон шрифт.

Насхы бындурыл сарæзтæуыд, Иран æмæ Пакистаны арæхдæр кæмæй пайда кæнынц æмæ араббаг бæстæты дугивгъуыдыл нымад чи у, уыцы насталихъ.