Насталихъ, насталик дæр (арабб. نستعليق‎‎ [nastaʿlīq]) у араббаг дамгъæтæ фыссыны фæтк. Нырыккон персайнаг фыссынады уымæй арæх пайда кæнынц (традицион насхæй уæлдай). Араббаг бæстæты уый нымад у дугивгъуыд фæткыл, хонынц æй «персайнаг фыссынад»; Иранæй скæсæнырдæм, уæлдайдæр Индийы пысылмæттæн æмæ Пакистаны, насталик у тæккæ пайдагонд фыссыны фæтк — ууыл цæуынц газеттæ æмæ чингуытæ.

Фыссыны фæтк: галиурдыгæй — насх, рахизырдыгæй — насталик. Дыууæ хуызы фыст дзырд Тæхран (дамгъæтæ: н-а-р-х-т)
Мир Эмад Хассанийы каллиграфи

Насталикæй фыст текст æнцон нæу дамгъæтæн фæхицæн кæнын — уымæй къуылымпы кодта мыхуыр (литерæтæ скæнæн нæ уыд). Пакистаны газеттæ XXI æнусы онг фыстой дæсны фысджытæ, стæй уыцы къухæй фыст газеттæ тираж кодтой. Ныр дæр Пакистаны стырдæр газеттæй иу, «Дейли Джанг», насталикæй фыст тексттæ интернетмæ равæры нывты хуызы[1].

Фиппаинæгтæ

ивын