Никарагуæйы къухамындтыты æвзаг

Никарагуæйы къухамындтыты æвзаг (исп. Idioma de Señas de Nicaragua, ISN) у къухамындтыты (жестты) æвзаг, кæцы Никарагуæйы ныгуылæны сæрмагонд скъолайы къуырма сывæлæтты ’хсæн йæхæдæг сæвзæрд, æрдзон æгъдауæй. Уыцы æвзагæн дунейы лингвисттæ стыр цымыдис дарынц, уый тыххæй æмæ сæ уырны, ног æвзаджы фæзынд иртасын кæй сæ къухы бафтыд, уый.

1970-ты азты агъоммæ Никарагуæйы къуырматы иудзинад нæ уыд. Къуырматæ хуымæтæджы къухамындтытæй пайда кодтой, æнæ грамматикæ. Стæй, къуырматы скъола куы фæзынди æмæ цалдæр сæдæ сывæллоны дзы куы ’рæмбырд сты, уæд чысылгай сæхи æвзаг сæвзарын кодтой. Уыцы æвзаджы фыццаг æмæ арфдæр иртасæг уыд Джуди Шепард-Кегл АИШ-æй (ныр кусы Хуссар Мэны университеты).

Никарагуæйы къухамындтыты æвзаг ссарыны агъоммæ ног æвзаджы равзæрд иртастой пиджинтæ æмæ креолаг æвзæгты æрмæгыл, кæд креолаг æвзæгтæ æндæр æвзæгты бындурыл фæзынынц, уæддæр. Ацы хатт та æвзаг фæзынд, уый размæ адæм бынтондæр кæм нæ дзырдтой, уыцы ран.

Литературæ

ивын
  • Kegl, J. 1994. The Nicaraguan Sign Language Project: An Overview. Signpost. vol.7, no. 1, Spring, pp. 24-31.
  • Senghas, R., and J. Kegl. 1994a. Social Considerations in the Emergence of Idioma de Signos Nicaragüense (Nicaraguan Sign Language). Signpost. vol.7, no. 1, Spring, pp. 40-46.
  • Senghas, R., and J. Kegl. 1994b. Soziale Gesichtspunkte bei der Herausbildung der Nicaraguanishen Gebärdensprache. Das Zeichen, no. 29, September, pp. 288-293. [German translation of Senghas and Kegl (1994a)]
  • Kegl, J. 2000. Is it soup yet? Or, When is it Language? In the Proceedings of the Child Language Seminar 1999. City University, London.
  • Kegl, J. 2002. Language Emergence in a Language-Ready Brain: Acquisition Issues. In Morgan, G. and Woll, B., Language Acquisition in Signed Languages. Cambridge University Press, pp. 207-254.
  • Kegl, J. 2004. Language Emergence in a Language-Ready Brain: Acquisition Issues. In Jenkins, Lyle, (ed), Biolinguistics and the Evolution of Language. John Benjamins.
  • Kegl, J. (in press). The Case of Signed Languages in the Context of Pidgin and Creole Studies. In Singler, J. and Kouwenberg, S. (eds.), The Handbook of Pidgin and Creole Studies. London: Blackwell's Publishers.