Ног Гранадæ
Ног Грана́дæ (исп. Nueva Granada) уыдис Испанийы вице-къаролад Хуссар Америкæйы, нырыккон паддзахæдтæ Венесуэлæ, Колумби, Панамæ æмæ Эквадоры зæххытæ чи иу кодта, ахæм. Вице-къаролад фæзындис 1718-æм азы, адих æй кодтой Перуйы вице-къароладæй. Ног административон иуæджы сæйраг сахар ссис Богота (Колумбийы ныры сæйраг сахар).
Историон паддзахад | |
Ног Гранадæ | |
---|---|
Virreinato de la Nueva Granada | |
|
|
1717 — 1819
|
|
Сæйраг сахар | Богота |
Æвзаг | испайнаг |
Дин | католицизм |
Æхцайы иуæг | реал |
Хицауиуæджы хуыз | абсолютон монархи |
Викикъæбицы медиа |
Вице-къаролад фехæлдис 1821-æм азы, креолтæ испайнаг æлдариуæджы ныхмæ куы сыстадысты, уæд. Йæ зæххытыл фæзындис хæдбар Стыр Колумбийы паддзахад, уый та фæстæдæр (1831-æм азы) ныддих и цалдæр хицæн паддзахадыл (уыдонæй стырдæртæ — Венесуэлæ æмæ Колумби).