Нымæцон
Нымæцон у, предметты нымæц кæнæ рæнхъæвæрд цы ныхасы хай æвдисы, уый. Дзуапп дæтты фæрстытæм Цалæм? Цал? Цас?
Этимологийы цæстæнгасæй нымæцонтæ сты, æппын къаддæр чи ивы, ахæм дзырдтæ. Цæвиттон, ирайнаг æвзæгты нымæцонтæ баззадысты иухуызон.
Ирон æвзаджы нымæцонты дыууæ системæйы ис: дæсон æмæ ссæдзон. Цæвиттон, нымæц 25 дæсон системæйы у дыууын фондз, ссæдзоны та — фондз æмæ ссæдз; 40 — цыппор æмæ дыууиссæдз. Кæд ссæдзон системæ адæмы ’хсæн популярондæр уыдис, литературон æвзаджы — ирон мыхуыры æмæ националон ахуырады — фылдæр пайда кæнынц дæсон системæйæ.