Ованес III Одзнеци (сом. Հովհաննես Գ Օձնեցի) кæнæ Иованнес Одзнеци (райгуырдис 650-æм азмæ ’ввахс, Одзуны — амардис 729-æм азы, Двины) — сомихаг католикос, теолог æмæ бариртасæг, лæууы Сомихаг аргъуаны иуыл зынгæ минæвæртты æхсæн, сыгъдæг.

Ованес III Одзнеци
Հովհաննես Գ Օձնեցի
Одзнецийы портрет. XVIII-æм æнус
Одзнецийы портрет. XVIII-æм æнус
Гуырæн ном Ованес Одзнеци
Райгуырды датæ бæрæг нæу[1]
Райгуырæны бынат Одзун, Гугарк
Мæлæты датæ 728[1]
Мæлæты бынат Двин, Айрарат
Зонады къабаз теолог, бариртасæг
Зонадон разамонæг Ованес Воротнеци
Ахуыргæнинæгтæ Аристакес Себастаци, Акоп Крымеци

Цардафыст

ивын

Райгуырдис Одзун хъæуы историон провинци Гугарчы Стыр Сомихы, ахуыр кодта уæды заманы иуыл номдзыд теологмæ Теодорос Кртенавормæ[2]. 718-æм æнусы сси сомихæгты католикос. Куы йæ равзæрстой, уый фæстæ рæхджы схуыдта Двины аргъуан, уым дзырдтой сомихаг литургийы реформацийы æмæ моладзанты дисциплинæйы фарстыты тыххæй. Уыцы рæстæджы Одзнеци сарæзта Сомихаг аргъуаны канонты æмбыргонд. Уый уыд фыццаг ахæм канонты æмбыргонд, рæстæджы цыдимæ йæм ноджы æфтыдтой æмæ йæ аивдæр кодтой. 726-æм азы Маназкерты схуыдта аргъуан, уым дзырдтой Сирийы якобитты аргъуанимæ бадзырды фарсты тыххæй. Архайдта цæмæй Сирийы æмæ Сомихы христологи бафидауын кæна чырыстон бæрæггæнæнтимæ. Сомихы араббæгтæ куы схицау сты, уæд нæ бауагъта, цæмæй чырыстон адæмы тыхæй кæной пысылмон динмæ.

Иованнес Одзнеци ма зындгонд у куыд фыссæг, ныстуанты æмæ хъуыдыты автор.

Аивад

ивын

Сарæзта «Канонты сомихаг чиныг», сомихаг æцæгады аръуаны барады фыццаг æмбыргонд. Одзнеци иумæ ’ртымбыл кодта хæлиугонд канонон æрмæджытæ, куыд оригиналон сомихаг, афтæ бердзенагæй æмæ сириагæй тæлмацтæ. Оригиналонтæ сты Шаапиваны канонтæ 444-æм азы, национ аргъуаны соборты уынаффæтæ Двины, уымæй уæлдай ма сомихаг уæлдæр сауджынты сконд канонтæ — Сыгъдæг Хъизæмаргæнæг Григорийы, Саак Партевы, Иоанн Мандакунийы, Абраам Мамиконяны æмæ Саак Дзоропорецийы[3]. Абоны онг махмæ бахæццæ сты цалдæр редакцийы бын, баззад дзы 200 къухфысты, уыдонæй 48-ы текст у æххæстæй[3]. Иуыл рагон номхыгъд датæгонд у 1098-æм азæй. Астæузаманы Сомихы уыцы куыстæн уыдис официалон нысаниуæг.

Уацмыстæ фыстæуыдысты павликианты æмæ иннæ еретикты ныхмæ.

Фиппаинæгтæ

ивын