Оганесян, Беатрис

иракаг-сомихаг пианист

Беатрис Оганесян (сом. Բեատրիս Հովհաննիսյան; райгуырдис 1927-æм азы 15 мартъийы — амардис 2008-æм азы 17 июлы) — иракаг-сомихаг пианист, зындгонд у уымæй æмæ уыд фыццаг концертон композитор æмæ Ирачы фыццаг сылгоймаг-композитор.

Беатрис Оганесян
сом. Բեատրիս Հովհաննիսյան
Райгуырды датæ 1927-æм азы 15 мартъийы(1927-03-15)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2008-æм азы 17 июлы(2008-07-17) (81 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз композитор, музыкант, пианист

Цардафыст ивын

Æвзонгад æмæ ахуырад ивын

Оганесян райгуырд Багдады 1927-æм азы бонджын сомихаг бинонты. Йæ фыд райгуырд Персы æмæ рацыд Багдадмæ цыдæр рæстæг Индийы англисæгтимæ куы акуыста, уæд. Йæ мад æмæ йæ дыууæ мады ’фсымæры баззадысты сидзæртæй, уыдон бавзæрстой Сомихæгты геноцид. Дыууæ ныййарæджы дæр æй цырен кодтой музыкæйы архайдмæ. Оганесян бацыд фидыцджын авивады институтмæ, фæцис æй уæлдай сгуыхтдзинадимæ фортепианойы специализацийы [1]. Университет куы фæци, уæд райдыдта кусын ассистентæй йæ румынаг фортепианойы профессормæ Жюльен Герцмæ [2]. Ирачы хицауадон стипенди йын радта бар, цæмæ йæ ахуырад аддарддæр кæна Къаролы музыкæйы академийы Лондоны профессор Макс Пиранимæ. Цыппар азы фæстæ райста диплом фортепианойы классæй æмæ педагогикæйæ, ноджы ма дыккаг дæсныйад — зарынæй. Стæй райста Фулбрайты стипенди Джульярды скъолайы ахуыр кæнынмæ Нью-Йорчы. Стæй ын йæ стипенди адарддæр кодтой ноджы иу азмæ Ирачы 14 июлы революцийы тыххæй.

Иракмæ раздæхт ивын

Америкæйы Иугонд Штатты куы уыдысты, уæд Оганесян бацыд йе ’фсымæр Аршаммæ æм йæ бинойнагмæ Миннесотæйы. Уым райста хайад концерты Миннесотæйы оркестримæ æмæ йæм уый фæстæ бахатыдысты, цæмæй Америкæйы баззайа. Фæлæ Оганесянмæ афтæ каст æмæ хъуамæ ’нæмæнг раздæха Иракмæ.

Иууылдæр мын дзырдтой мæ хъуамæ баззайон Америкæйы, фæлæ мын мæ мидхъæлæс дзырдта, цæмæй Иракмæ раздæхон æмæ ме ’мбæстæгты сахуыр кæнон музыкæ уарзын. Классикон музыкæ Иракæн ног у æмæ дзы хъуамæ уыдаид мæн хуызæн адæм, цæмæй сæ сахуыр кæной музыкæ уарзын æмæ йын аргъ кæнын [2].

Уый фæстæ Оганесян уыд Багдады Институты фидыцджын аивады фортепианойы кафедрайы сæргълæууæг. Сæрдыгон каникулты хайад иста музыкалон семинарты алыхуызон бæстæты. 1961-æм азы сси Ирачы национ симфонийы оркестры сæйраг концертон пианисткæ, уыцы бынаты фæкуысты æртын азы. 1969-æй 1971-æм азы онг куыста Миннесотæйы университеты æмæ Макалестеры колледжы [1]. 1980-æм азы Ирачы-Ираны хæсты рæстæджы ныффыста йæ фыццаг ирачы композици «Вестерн». Куы йæ бафарстой, куыд æй схорзæхджын кæной йе ’нтыстыты тыххæй, уæд уый ракуырдта йæхиц ниуыл хуыздæр пианино. Балæвар ын кодтой роял Steinway, фæлæ йæ ныууагъта, АИШ-мæ куы раздæхт фыццаг Персы бакæлæны хæсты фæстæ.

Фæстæдæры цард æмæ мæлæт ивын

1994-æм азы Оганесян ацыд АИШ-мæ, уым райдыдта цæрын Миннеаполис-Сент-Полы йе ’фсымæр Аршам æмæ йæ хо Ситæимæ. Ногæй райдыдта кусын Миннесотæйы университеты, Макалестеры колледжы, ноджы ма Сент-Томасы университеты. Куыста органисткæйæ Сомихаг аргъуаны Сыгъдæг Павелы номыл. Оганесян амард ракæй 2008-æм азы 17 июлы Блумингтоны, 81 азы йыл куы цыд.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Obituaries. Star Tribune. Retrieved August 7, 2008.
  2. 2,0 2,1 Boghosian Papas, Lisa. Twin Cities' Beatrice Ohanessian: A Famous Pianist and Pioneer of Music Архивгонд æрцыдис 21 октябры 2007 азы.. Armenian General Benevolent Union. Retrieved August 7, 2008.