Стани́цæ кæнæ хъаллæ[1] (уырыс. станица) у хъазахъхъаг хъæуы традицион ном. Æцæг, станицæ уыд административон иуæджы ном, уый тыххæй æмæ иу станицæмæ цалдæр цæрæнраны хауæн уыди (станицæйы хутæртæ æмæ посёлоктæ).

Нырыккон Уæрæсейы 379 станицæйæ бирæтæ хъазахъхъаг хъæутæ нал сты. Зæгъæм, бæстæйы тæккæ стырдæр станицæ Орджоникидзевскæйы цæрджыты фылдæр сты мæхъхъæл æмæ цæцæн. Мæхъхъæлы Республикæ æмæ Краснодары крайы станицæтæй бирæ сты егъау, чысылдæр сахартæй стырдæр: зæгъæм, станицæ Каневскæйы цæры 45 мин адæймаджы, Орджоникидзевскæйы та — 60 мин адæймаджы бæрц.

Цæгат Ирыстоны станицæтæ сты Горæтгæроны районыÆрхонкæ, Кировы районыЗмейкæ, Дыгуры районыДжермецыкк, стæй Мæздæджы районы цыппар — Луковскæй, Мусхъæу, Павлодольскæй, Терскæй.

Станицæтæ ис Уæрæсейы Федерацийы мæнæ ахæм субъектты:

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.