Осмиев, Хамзат Сосийы фырт
Осмиев Сосийы фырт Хамзат (мæхъхъ. Осминаькъан Сосе Хьамзат; райгуырдис 1909-æм азы Тъойыхъæуы — амардис1981-æм азы 11 январы) уыд зындгонд мæхъхъæлон фыссæг, тæлмацгæнæг, журналист, фольклорист, ахуыргæнæг.
Хамзат Сосийы фырт Осмиев | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1909 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1981 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Хамзат Сосмиев райгуырдис зæхкусджыты бинонты ’хсæн. Йæ фыд, дам, йæ райгуырдыл скодта стыр куывд, уый тыххæй æмæ Хамзат сси йæ фыццаг фырт цыппар чызджыты фæстæ. Кæсын-фыссын базыдта йæ райгуырæн хъæуы.
1924-æм азы Осмиев ахуыр кæнынмæ бацыдис, Дзæуджыхъæуы чи байгом ис, уыцы Мæхъхъæлон педагогон техникуммæ. Иу азы фæстæ уый газет «Сердало»-мæ фыссын райдыдта. Фæстæдæр, техникум каст фæуыны фæстæ, куыста уыцы газеты бæрнон нымæрдарæй.
Депортацийы рæстæг Хамзат Осмиев куыста хъæууон скъолайы ахуыргæнæгæй. 1955-æм азы Хъиргъиз æмæ Хъазахстаны райдыдта мæхъхъæлон æвзагыл чингуыты рауагъд. Уæд 1955-1957 азты Осмиев куыста мæхъхъæлон литературæйы консультантæй Хъазахы ССР-йы фысджыты цæдисы.
Хамзат Осмиев фыста цыбыр радзырдтæ. Йæ уацмысты тæлмацтæ рухс федтой литературон журналты: «Дружба народов», «Дон», «Огонёк», «Нева», «Наш современник», «Советский Казахстан».
Осмиев хорзæхджынгонд æрцыдис бирæ майдантæй æмæ «Кады нысан»-ы орденæй.
Æддаг æрмæг
ивын- Газет «Ингушетия». Осмиевы биографи (уырыс.)