Пехлевиаг æвзаг (пехлеви, астæуккаг персайнаг æвзаг) у ирайнаг æвзæгты хуссар-ныгуылæн къорды мард æвзаг. У рагон персайнаг æвзаджы фæдон æмæ нырыккон персайнаг æвзаджы развæдгæнæг. Сасанидты империйы пехлевиаг æвзаг æппæт имерийыл ахæлиу. VII æнусы фæстæ, Иран араббæгтæ куы байстой, уыцы рæстæгæй пехлевиаг æвзаг хъахъхъæдтой зороастризмы æхсæнæдтæ Иран æмæ Индийы.

Пехлевиаг æвзаг
Хином pārsīk
Бæстæтæ Перс
Регионтæ равзæрдис Фарсы, фæстæдæр æппæт Сасанидты империйыл ахæлиу
Официалон статус Сасанидты паддзахад (III—VII æнустæ)
Сыскъуыди IX æнусы персайнаг æвзагæй фестадис
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Индоирайнаг къабаз
Ирайнаг къорд
Хуссар-ныгуылæн дæлкъорд
Фыссынад пехлевиаг, манихейаг
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1
ISO 639-2 pal
ISO 639-3 pal
ГОСТ 7.75–97 пех 537
IETF pal
Glottolog pahl1241

Пехлевиагау фыссынæн пайда кодтой дыууæ фыссынадæй, сæ дыууæ дæр арамейаг графикæйыл арæзт:

  • пехлевиаг фыссынад — æд идеограммæтæ, лигатурæтæ æмæ историон орфографи;
  • манихейаг фыссынад — фонетикон æгъдæуттæм гæсгæ.

Пехлевиаг æвзаджы рагондæр ссардтытæ сты Парсы хицауиуæггæнджыты згъæрæхцайыл фыстытæ (нæ эрæйы агъоммæ II æнус).

Литературæ

ивын
  • Молчанова Е. К. Основные вопросы синтаксиса среднеперсидского языка (книжного пехлеви): Автореф. дис. на канд. филол. наук. М., 1966.
  • Расторгуева В. С. Сравнительно-историческая грамматика западноиранских языков. Фонология. М., 1990.
  • Расторгуева В. С. Среднеперсидский язык. М., 1966.
  • Расторгуева В. С., Молчанова Е. К. Среднеперсидский язык // Основы иранского языкознания. Среднеиранские языки. М., 1981.