Плачидо, Микеле
Микеле Плачидо (итал. Michele Placido; райгуырдис 1946 азы) у италиаг актёр æмæ кинорежиссёр. Зындгонд сси италиаг мафийы тыххæй телесериал «Спрут»-ы (1984–1989) ахъазыны фæстæ.
Микеле Плачидо | |
---|---|
итал. Michele Placido | |
Райгуырды датæ | 1946-æм азы 19 майы[1][2] (78 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад | |
Професси | кинорежиссёр, актёр, сценарист, киноактёр, режиссёр |
Карьерæ | 1972 — |
IMDb | ID 0686375 |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынМикеле Плачидо райгуырдис 1946-æм азы 19 майы сахар Асколи-Сатриано. Æфсады баслужбæйы фæстæ Плачидо куыста Ромы пъæлицæйы. Фæстæдæр бацыдис Драмон аивады академимæ. 1969-æм азы ахъазыдис сценæйыл фыццаг роль.
1972-æм азæй райдыдта хъазын кинойы.
Æгас дунейы Плачидо популярон сси, телесериал «Спрут»-ы комиссар Коррадо Каттанийы ролы куы ахъазыдис (цыппар сезоны), уæд.
1990-æм азæй Плачидо йæхæдæг райдыдта æвæрын кинонывтæ.
Микеле Плачидойæн ис æхсæз сывæллоны дыууæ усæй. Хистæр чызг Виолантæ Плачидо у актрисæ.