По́ти (гуырдз. ფოთი) у сахар Гуырдзыстоны ныгуылæны, регион Мегрели æмæ Уæллаг Сарийы, Сау денджызы порт. Сахары цæрынц 41 465 адæймаджы (2014).

Сахар
Поти
гуырдз. ფოთი
Тырыса Герб
Тырыса Герб
42°09′00″ с. ш. 41°40′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Регион Мегрели æмæ Уæллаг Сари
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд VII æнус
Фæзуат 65,8 км²
Сахатон таг UTC+4:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +995 493
Посты индекс 4400–4499[2]
poti.gov.ge(гуырдз.)
Поти (Гуырдзыстон)
Поти (Мегрели æмæ Уæллаг Сари)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цæрджытæ

ивын

2018-æм азы 1 январмæ сахары цардысты 41 731 адæймаджы[3], 2014-æм азы 1 январмæ — 47,8 мин адæймаджы.[4]

Æппæтцæдисон цæрджыты сфыстмæ гæсгæ (Советон Цæдисы фæстаг сфыст уыдис) Потийы цардис 50 922 адæймаджы[5].

Этникон сконд 2014 азы сфыстмæ гæсгæ[6]
Гуырдзиæгтæ (мегрелæгтæ) 40 446 97,54 %
Уырыссæгтæ 604 1,46 %
Украинæгтæ 143 0,34 %
Сомихæгтæ 65 0,16 %
Ирæттæ 23 0,06 %
Грекъæгтæ 28 0,07 %
Азербайджайнæгтæ 40 0,10 %
Абхазæгтæ 6 0,01 %
æдæппæт 41 465 100,00 %

Истори

ивын

Сахары равзæрд

ивын
 
Сыгъдæг Андрейы аргъуан

Потийы бынаты цы сахар рагзаманты лæууыдис, Фазис зæгъгæ, уыдис регионы рагондæр сахартæй иу. Грекъаг географ Страбон сбæлвырд кодта, ацы сахар Рионы цæугæдон æмæ Палеостомийы цады ’хсæн Сау денджызы былгæрон кæй лæууы, уый. Сахар хæлд æрцыдис, фæлæ дыууæ сæдæ азы фæстæдæр рагон грекъ дзы сарæзтой сæудæджергæнæн гæнæх. Аммиан Марцеллины рæстæджы ма дзы уыдис 400 салдаты гарнизон.

IV æнусы Фасисы куыста Колхиды академи, хуынди ма Уæлдæр риторикон скъола. Ахуыр дзы кодтой грекъ æмæ гуырдзы, сæ дыууæ æвзагыл дæр. Лæвæрдтой дзы риторикæ, философи, физикæ, математикæ, логикæ æмæ æндæр предметтæ.

Поти сахары ном сси VII æнусы[7].

Сахары нырыккон истори

ивын
 
Потийы сæйраг фæзы уынд

Фыццаг уырыссаг революцийы рæстæг Поти сси стачкæтæ æмæ растæдты бынат[8].

1992-æм азы граждæйнаг хæст куы цыдис, Потийы кæрæдзийы ныхмæ тох кодтой звиадисттæ æмæ Тбилисы хицæуады хæстонтæ. 1993-æм азы 2 откябры сахар байстой звиадисттæ, Лоти Кобалия сæ сæргъы, афтæмæй. Фæлæ уыцы рæстæг гуырдзиаг хицæуады фарс балæууыдис Уæрæсейы Сай денджызы флоты денджызон пехотæ. Уыцы æххуысы фæрцы тагъд рæстæджы ныгуылæн Гуырдзыстоны фылдæр хай сси Шеварднадзейы хæстонты дæлбар.

2008-æм азы 14 августы сахар байстой уæрæсейаг хотыхджын тыхтæ, спутникæй конд къамтæ куыд æвдисынц, афтæмæй Потийы порты цы 6 хæстон катеры уыд, уыдон фæдæлдон кодтой[9]. Хæст куы фæци, уæрæсейаг хæстонтæ сахарæй ацыдысты[10].

Географи

ивын

Бæстыхъæд

ивын

Поти лæууы субтропикон денджызон бæстыхъæды зонæйы (Cfa Кёппены бæстыхъæдты классификацимæ гæсгæ)[11].

Экономикæ

ивын
 
Потийы порт

Поти нымад у Гуырдзыстоны ахсджиагдæр экономикон регионтæй иуыл. Йæ порт у Сау денджызы стырдæртæй иу, уый у Гуырдзыстоны сæйраг денджызон порт. 2008-æм азы апрелы паддзахад ауæй кодта порты акцитæй 51% араббаг компани Ras Al Khaimah Investment Authority-æн (ИАЭ)[12].

Уый йеддæмæ сахары кусынц иуæй-иу индустриалон куыстуаттæ (нæуцæлцæггæнæн æмæ æндæртæ).

Культурæ

ивын

Потийы кусы Валериан Гунияйы номыл паддзахадон драмон театр.

Фиппаинæгтæ

ивын

Литературæ

ивын