Пуризм
Пуризм (сыгъдæгизм) у, æвзаджы æрбайсгæ дзырдтæ къаддæр куыд уой, ацы уавæрмæ тырнæг змæлд.
Сæ пуризмæй зындгонд сты араббаг, исландиаг æмæ тамилаг æвзæгтæ. Æндæр æвзæгты пуризм дæргъвæтин политикæ нæ, фæлæ революцион процесс уыди — зынгæдæр дæнцæг у туркаг æвзаг. Бирæ æвзæгтæн сæ рæзынады иу къæпхæн уыди пуризмы фазæ (ахæмты ’хсæн дзуттаг, финнаг, хорватаг æмæ эстойнаг æвзæгтæ), фæстæдæр уыдон уыцы хъуыддагыл фæромыл сты. Ис иуæй-иу ахæм æвзæгтæ дæр, кæцыты пуризмы хъуыдытæн зынгæ нысаниуæг нæй: англисаг, польшæйаг, уырыссаг, япойнаг.
Пуризм æрмæст æрбайсгæ дзырдты ныхмæ (лексикон пуризм) нæ вæййы, фæлæ ис æм æндæр хуызтæ дæр:
- растфыссынады пуризм: æцæгæлон фыссынады элементты ныхмæ кæнæ æцæгæлон растфыссынады нормæты ныхмæ (уырдæм хауы ирон æвзаджы растфыссынады иуæй-иу фарстатæ: телефон кæнæ тилифон æмæ æнд.);
- фонетикон пуризм;
- морфологион пуризм;
- синтаксисон пуризм.
Пуризм вæййы энтузиастты идейæ æмæ паддзахадон политикæ дæр.