Пъереу[1][2] (гуырдз. პერევი, уырыс. Переви, Переу[3]) у дайуаг хъæу, Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн (Хуссар Ирыстоны ныгуылæйнаг арæныл). 2008-æм азы августы хæсты рæстæг Уæрæсейы æфсæдтæ Пъереу бацахстой. Евроцæдисы минæвæрттæ Уæрæсейы æфсæддонтæн бафæдзæхстой уыцы хъæуæй ацæуын.

Гуырдзыстоны Пъереу æмæ Хуссар Ирыстоны Пъереу (Гыццыл Пъереу‎) Цуциты Артуры конд картæйыл. Рахизырдыгæй ис Хуссар Ирыстоны Дзауы район
Пъереу (Хуссар Ирыстон)
Пъереу Хуссар Ирыстоны картæйыл

2008-æм азы декабры фыццаг æмбис гуырдзыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ фехъусын кодтой, хъæумæ ногæй хъус дарын кæй райдайдзысты, ахæм хабар. Уый фæстæ та Уæрæсейы æфсæддонтæ Гуырдзыстоны пъæлицæйы кусджыты хъæуæй ацæуын кодтой æмæ сæ раздæры позицитæ ногæй бацахстой; Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ Переуы æрбынæттон сты æппынкъаддæр 500 уæрæсейаг æфсæддоны[4].

Хуссар Ирыстоны хицауадмæ гæсгæ территориалон уагæй хауы Дзауы районмæ, Гуырдзыстоны та уыцы хъæуы Сачхерейы районмæ нымайынц. Æцæг, дыууæ паддзахады æхсæн арæн Пъереу дих кæны дыууæ хайыл, уый картæйыл бæрæг зыны.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Цховребова З. Д. Ойконимия Осетии. Юго-Осетинский научно-исследовательский институт им. З. Н. Ванеева. Цхинвал, 2003. 63 С.
  2. Цхуырбаты З.Д., Дзиццойты Ю.А. Хуссар Ирыстоны топоними. Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн ин-т. — М.: Наукæ, 2013. I-æм том
  3. Хуссар Ирыстоны хицауады дæлбар къамисы уынаффæмæ гæсгæ
  4. Хъæу ногæй бацахстой // «Рæстдзинад», №238, 2008 азы 20 декабрь.