РЦИ — Аланийы æнæниздзиад хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы æнæниздзиад хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй æнæниздзинад хьахьхьæнынады оргæнты æнаиппæй æппынкъаддæр 15 азы чи бакуыста, дзæбæхгæнæн-профилактикон, санитарон-эпидемийы ныхмæ, афтечы æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады æндæр кусæндæтты уыцы разамонджытæн æмæ дæсны кусджытæн, провизортæн, астæуккаг æмæ кæстæр медицинон æмæ фармацевтикон хайады кусджытæн кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы æнтыстдзинæдты тыххæй.
Ном «РЦИ – Аланийы сгуыхт дохтыр» фидаргонд кæмæн у, кадджын ном «РЦИ – Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг» радтынмæ ахæм кусджыты не ’вдисынц.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».