РЦИ — Аланийы адæмон фыссæг (поэт)
(РЦИ – Аланийы адæмон фыссæг (поэт)-æй æрвыст)
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы адæмон фыссæг (поэт)» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй, ирон аивадон литературæйы æмæ поэзийы райрæзты хъуыддагмæ стыр æвæрæн чи бахаста, бирæнацион литературæ фæхъæздыг кæнынæн фæахъаз уæвæг æмæ æппæтадæмон кады аккаг уæвæг мидисджын аивадон уацмыстæ чи сфæлдыста, уыцы фысджытæ — прозаиктæн, поэттæн, драматургтæн, критиктæн æмæ литературæ иртасджынтæн.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».