РЦИ — Аланийы адæмы цардыуаджы лæггæдты сгуыхт кусæг
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы адæмы цардыуаджы лæггæдты сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй адæмæн цардыуаджы лæггæдты къабазы æппынкъаддæр 15 азы чи кусы, куыстуæтты, кусæндæтты æмæ иугæндты, уыцы дæсны кусджытæн адæмæн цардыуаджы лæггæдтæ æххæст кæныны, лæггæдты, хомаджы, æрмæджыты æмæ лæгтадкæнынады ног хуызтыл æмæ мадзæлттыл бакусыны, куыстуæтты материалон-техникон бындур фæуæрæх кæныны, сæ экологион æдасдзинад сын фæфидар кæныны, стæй кадртæ цæттæкæнынады къæпхæн фæуæлдæр кæныны хъуыддаджы æнтыстдзинæдты тыххæй.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».