РЦИ — Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг
(РЦИ – Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг-æй æрвыст)
Кадджын ном «РЦИ — Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй аивæдты къабазы æппынкъаддæр 15 азы бакусæг композитортæн, режиссёртæн, дирижёртæн, драматургтæн, аивадиртасджынтæн æмæ аивæдты æндæр архайджытæн аивады къабазы мидисджын аивадон уацмыстæ æмæ ахадгæ зонадон куыстытæ сфæлдисыны тыххæй, кæнæ кадртæ хъомыл æмæ сæ цæттæ кæныны хъуыддаджы стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».