РЦИ — Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг
(РЦИ – Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг-æй æрвыст)
Кадджын ном «РЦИ — Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй:
- культурæйы, мыхуыры, радиохъусынады, телеуынынады, кусæндæтты, стæй культурæйы æмæ аивады ахуыргæнæндæтты кусджытæн;
- балцыты æмæ экскурситы бюроты, туристон базæты, лагерты æмæ æндæр туристон-экскурсион кусæндæтты кусджытæн.
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг» радтæн ис аивадон хихъæппæрисады архайджытæн, стæй æхсæнадон уагæй амынд кусæндæтты æмæ культурæйы оргæнты куысты архайæг адæймæгтæн республикæйы раз стыр æнтыстдзинæдты тыххæй.
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг» дæттынц, амынд кусæндæтты æппынкъаддæр 15 азы чи бакуыста, культурæйы райрæзтæн, адæмы æгъдауы æмæ эстетикон хъомыладæн, туризмы æмæ экскурситы райрæзтæн стыр лæггæдты чи бацыд, уæлдæрамынд уыцы адæймæгтæн.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».