РЦИ — Аланийы сгуыхт аразæг
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы сгуыхт аразæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй арæзтады, æмæ арæзтадон æрмæджыты рауагъды индустрийы дæсны кусджытæн, арæзтадон, зонадон-иртасæн, проектон, монтажон æмæ æндæр кусæндæтты æппынкъаддæр 15 азы бакусæг адæмæн, куыстадон архайды, раззаг проекттыл, технологитыл æмæ куыстæн фадæттæ аразыны фæлтæрддзинадыл бакусыны, куыстады æмæ арæзтадон-монтажгæнæн куыстыты хъæд ахадындзинад фæнывыл кæныны хъуыддаджы сгуыхтдзинæдты, архитектурæйы райрæзты, горæтаразæн къабазы стыр сфæлдыстадон архайды, сæрмагонд æнтыстдзинæдты, ахъаззагыл нымад нырыккон граждайнаг, индустриалон æмæ хъæууон архитектурон комплекстæ æмæ бæстыхæйттæ саразыны тыххæй.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».