РЦИ — Аланийы сгуыхт нывгæнæг
(РЦИ – Аланийы сгуыхт нывгæнæг-æй æрвыст)
Кадджын ном «РЦИ — Аланийы сгуыхт нывгæнæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй нывкæнынады аивады архайджытæн, театры æмæ кинойы нывгæнджытæн, кьабазы æппынкъаддæр 15 азы бакусæг адæмæн мидисджын аивадон уацмыстæ сфæлдисыны тыххæй, нывкæнынады, скульптурæйы, графикæйы, монументалон æмæ декоративон-куыстадон аивады райрæзты æнтыстдзинæдты тыххæй, стæй куыстуæтты дизайнертæн æмæ нывгæнджытæн дизайны къабазы ахадгæ куысты тыххæй.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ — Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».