РЦИ — Аланийы сгуыхт эколог
(РЦИ – Аланийы сгуыхт эколог-æй æрвыст)
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы сгуыхт эколог» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй алфамблай æрдз хъахъхъæнынады æмæ æрдзæй ахадгæ пайдакæнынады къабазы æппынкъаддæр 15 азы чи бакуыста, æрдзхьахъхъæнæг оргæнты, уыцы дæсны кусджытæн, ахуыргæндтæн, экологион фарстатæ лыггæнæг куыстуæтты æмæ кусæндæтты кусджытæн æрдзон æвæрæнтæ, зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ бахъахъхъæныны, стæй сыгъдæггæнæн фæрæзты арæзтады хъуыддажы сгуыхтдзинæдты тыххæй.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».