РЦИ — Аланийы физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй физикон культурæ æмæ спорты райрæзты хъуыддаджы стыр æнтыстдзинæдтæ чи равдыста, амынд къабазы æппынкъаддæр 15 азы чи бакуыста, физкультурон змæлдæн фадæттæ саразæг уыцы адæмæн, хъуыстгонд ахуыргæндтæн, тренертæн, спортсментæн, физикон культурæйы къабазы, спортивон, физкультурон кусæндæтты, ахуыргæнæндæтты кусджытæн, стæй æхсæнадон бындурыл спортивон æмæ физкультурон-дзæбæхгæнæн куысты чи фесгуыхт, уыцы адæмæн.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».