Рагон симд
Рагон симд — симды æндæр хуыз.
Ай симдтæй у æппæты уæздандæр, бакастджындæр кафт.
Нæлгоймæгтæ-иу æрхæцыдысты сылгоймæгтыл æмæ къордгай лæууыдысты иу рæнхъыл. Рæнхъ ахæм хуызы амад уыд, цæмæй дзы рауайа «æгас къул». Фæндыры уæздан зæлты райхъуыстимæ-иу къул арзылди, йæ раст амад æнæфехалгæйæ. Стæй-иу кафджыты фыццаг къорд размæ рацыд, сæ фæстæ иннæтæ дæр къордгай, раст денджызы уылæнтау рæсугъд уадысты размæ æмæ дарддæр кафыдысты.
Рагон симд æртæккæ дæр кафынц, чысыл ивддзинæдтæ йæм хаст æрцыд, афтæмæй.