Разæвæрд — цы дзырды разæй лæууы, уый ахаст æндæр дзырдтæм цы æххуысгæнæг ныхасы хай æвдисы, уый.

Ирон æвзаджы арæхдæр сты фæсæвæрдтæ. Разæвæрдтыл нымайынц æрмæстдæр æд æмæ æнæ. Æндæр индоевропæйаг æвзæгты та арæхдæр сты разæвæрдтæ, уыимæ ирайнаг къорды æвзæгты дæр.