Разæфтуан
Разæфтуан (префикс дæр) у, дзырды мидæг уидаг кæнæ æндæр разæфтуаны разæй чи лæууы, ахæм морфемæ (нысаниуæгджын хай).
Иуæй-иу æвзæгтæ (зæгъæм, тюркаг æвзæгтæ) æрмæст фæсæфтуантæй пайда кæнынц, разæфтуантæ дзы сты стæм кæнæ бынтондæр нæй. Ирон æвзаг куыд фæсæфтуантæй, афтæ разæфтуантæй пайда кæны.
Мивдисæджы системæйы разæфтуантæ превербтæ дæр хонынц.