Растуырнæг дин
(Растуырнад-æй æрвыст)
Растуырнæг дин[1] кæнæ расткадон дин[2][3] (гр. ὀρθοδοξία, уырыс. Православие) у чырыстон дины иу къабаз. Дихдзинад æрцыдис 1054-æм азы.
Историон аххосæгтæм гæсгæ растуырнæг дин тынгдæр ахæлиу ис балкайнаг адæмты ’хсæн: болгайрæгтæ, грекъæгтæ, сербæгтæ, черногорæгтæ, румынæгтæ æмæ албайнаг адæмы хай сты растуырнæгтæ. Скæсæйнаг Европæйы бирæ адæмтæ уырнынц растуырнæг амындтытæм гæсгæ, уыдоны ’хсæн абхазæгтæ, белоруссæгтæ, гуырдзы, ирæттæ, уырыс, украинæгтæ æмæ æндæртæ.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Мæскуы æмæ æгас Уырысы Патриарх Кириллы Куадзæны Арфæйы Фыстæг
- ↑ https://eadaily.com/ru/news/2017/09/23/yugoosetinskaya-alanskaya-eparhiya-stala-pomestnoy-i-samoupravlemoy
- ↑ https://sputnik-ossetia.com/20200120/Donyskfny-brgbon-donarguydy-nysan-knyny-traditsi-fytstsag-fzynd-Tskhinvaly---fyd-Iakov-9923991.html