Гамзатов, Расул Гамзаты фырт

(Расул Гамзатов-æй æрвыст)

Расу́л Гамзаты фырт Гамза́тов (сол. Хӏамзатазул Расул Хӏамзатил вас; райгуырд 1923-æм азы 8 сентябры — амард 2003-æм азы 3 ноябры) — советон поэт, прозаик, публицист, советон æмæ уырыссаг æхсæнадон æмæ политикон архайæг, тæлмацгæнæг. Социалистон Фæллойады хъайтар (1974), Дагъистаны АСРЦ адæмон поэт (1959), Сталины (1952), Ленины (1952) æмæ Горькийы номыл (1980) премиты лауреат. Сыгъдæг Андрейы ордены кавалер (2003) æмæ Ленины цыппар ордены кавалер (1960, 1973, 1974, 1983).

Расул Гамзаты фырт Гамзатов
сол. ХIамзатил Расул
Райгуырды датæ 1923-æм азы 8 сентябры(1923-09-08)[1][2]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2003-æм азы 3 ноябры(2003-11-03)[2] (80 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз поэт, фыссæг, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, политик, зарджыты поэт
Сфæлдыстады азтæ 1932
Жанр æмдзæвгæ[d], таурæгъон поэзи[d] æмæ æмдзæвгæ[d]
Уацмысты æвзаг уырыссаг æмæ солиаг
Хорзæхтæ
Социалистон Фæллойады хъайтар
орден Святого апостола Андрея Первозванного орден «За заслуги перед Отечеством» III степени Ленины орден орден Октябрьской Революции Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Адæмты хæлардзинады орден медаль «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» орден Золотого руна
Ленины преми Сталины преми
орден «Кирилл и Мефодий»
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Расул Гамзатов райгуырдис Дагъистаны Хунзахъы районы Цъадайы хъæуы Гамзат Цадасайы бинонты (1877—1951). Йæ фыд уыд Дагъистаны Адæмон поэт. Ахуыр кодта Аранийы астæуккаг скъолайы. 1939-æм азы фæцис Солиаг педучилище. 1941-ты онг куыста съолайы ахуыргæнæгæй, дарддæр та режиссёры аххуысгæнæгæй театры, журналистæй газетты æмæ радиойы. Схорзæх æй кодтой майданæй «Хъаруджын архайды тыххæй Стыр Фыдыбæстон хæсты 1945-æм æзты».

1945-æй 1950-йæ ахуыр кодта Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты. Равзæрдæуыд Дагъистайнаг АСРЦ-йы Стыр Цæдисы депутатæй, Дагъистайнаг АСРЦ-йы Стыр Цæдисы Президиумы сæрдары хæдивæг (1980—1990), депутатæй æмæ ССРЦ-йы Стыр Цæдисы уæнгæй. Уыдис Дагъистайнаг, РСФСР-аг æмæ ССРЦ-аг фыссæгты съездты делегат, Ази æмæ Африкæйы æмвæнддзинады бюройы уæнг, Ленины æмæ ССРЦ-йы Паддзахадон премийы комитеты уæнг, Дунейы хъахъхъæныны советон комитеты уæнг, Советон комитеты Ази æмæ Африкæйы æмвæнддзинады сæрдары хæдивæг. ССРЦ-йы Стыр Советы Цæдисы Дагъистайнаг АСРЦ-йæ депутат. 1962 — 1966-æм æзты æмæ 1971-æм азæй уыд ССРЦ-йы Стыр Цæдисы Президиумы уæнг. ССРЦ-йы Адæмон депутат (1989-1991)[4][5][6][7][8][9]. 1973-æм азы йæ къух æрфыста советон фыссæджыты фыстæгыл газет «Правда»-йы редакцимæ Солженицын æмæ Сахаровы тыххæй.

Амард 3 ноябры 2003 азы Мæскуыйы централон клиникон рынчындоны. Бавæрдтой æй зæронд пысылмон уæлмæды Таркийы хох Тарки-Тауы бын, йæ бинойнагы ингæны цур.

Сфæлдыстад

ивын

Расул Гамзатов æдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1932-æм азы, фыццаг хатт мыхуыры рацыд 1937-æм азы республикон аваираг газеты «Хæххты большевик». Йæ фыццаг чиныг аваираг æвзагыл рацыд 1943-æм азы. Уымæй уæлдай ма тæлмац кодта классикон æмæ нырыккон уырыссаг литературæ: А. С. Пушкины, М. Ю. Лермонтовы, С. А. Есенины, В.В. Маяковскийы.

Горькийы номыл литературон институты Гамзатов базонгæ æмæ схæлар æвзонг поэттимæ: Наум Гребнев, Яков Козловски, Еленæ Николавская, Влдимир Солоухин. Уыдон йын уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодтой йе ’мдзæвгæтæ. Гамзатовы поэмæтæ æмæ ’мдзæвгæтæ ма тæлмац кодтой Илья Сельвински, Сергей Городецки, Семен Липкин, Яков Хелемски, Юлия Нейман, Роберт Рождественский, Юнна Мориц, Юрий Агеев[10], Дмитрий Филимонов[11], Шали Казиев, Сергей Соколкин. Гамзатовимæ куыстой бирæ композитортæ дæр, се ’хсæн Ян Френкель, Раймонд Паулс, Юри Антонов, Александра Пахмутова. Хæстæг уыд Евгений Примаковимæ[12][13][14] æмæ Иосиф Кобзонимæ. Расул Гамзатов уыд «Новый мир», «Дружба народов» журналты редколлегии уæнг, газетты «Литературон газет», «Литературон Уæрæсе»-йы уæнг æмæ ма бирæ æндæр газетты æмæ журналты. 1951-æм азæй æмæ йæ мæлæты онг уыдис Дагъистаны фыссæгты цæдисы сæрдар.

Бинонтæ

ивын

Йæ фыд амард 1951-æм азы, мад та — 1965-æм.

Йæ ус Патимат Саиды чызг 1964-æм азæй уыд Дагъистайнаг нывгæнæны аивады музейы сæрдар[15]. Йæ чызг Патимат (райгуырдис 1959-æм азы) уыд айвады архайæг[16], йæ сиахс — археолог.

Йæ дыууæ хистæр æфсымæры Стыр Фыдыбæстоны Хæстæй нал раздæхтысты: Магомет (1916-æм азы гуырд) амард 1943-æм азы 20 августы эвакогоспиталы № 1687 (с. Балашов Саратовы облæсты, Ахильчи (1918-æм азы гуырд) æрбайсæфт апрелы 1943-æм азы.

Кæстæр æфсымæр Гаджи (1926—2011) — литературовед, Уæрæсейы зонæдты академийы академик.

Хорзæхтæ

ивын
 
Расул Гамзатов — Сыгъдæг Андрейы ордены кавалер
  • Социалистон фæллойады герой (1974-æм азы 27 сентябры)
  • Сыгъдæг апостол Андрейы орден (2003-æм аз 8 сентябыр)
  • Орден «Райгуырæн бæстæйы раз сгуыхтдзинад» æртыккаг къæпхæн
  • Адæмты харалдзинады орден 1999-æм аз 18 апрелы
  • Цыппар Ленины ордены
  • Октябры Революцийы орден
  • Фæллойы Сырх тырысайы æртæ ордены
  • Сыгъзæрин рунойы орден (Гуырдзыстон, 2003-æм азы)
  • «Кирилл æмæ Мефодийы» орден (БАР)
  • ССРЦ-йы майдантæ
  • Ленины преми «Бæрзонд стъалыты» чиныджы тыххæй
  • Сталины преми æртыккаг къæпхæн (1952) — за æмдзæвгæты æмæ поэмæты æмбырдгонд «Мæ райгуырæнбоны аз»
  • М. Горькийы номыл паддзахадон преми поэмæ "У мæдтыл аудут"-ы тыххæй
  • Дагъистайнаг АСРЦ-йы адæмон фыссæг (1959-æм аз)
  • Æхсæнадæмон премии "Иуыл хуыздæр поэт XX æнусы»
  • Ази æмæ Африкæйы фыссæджыты преми «Лотос»
  • Джавахарлала Неруйы преми
  • Фирдоусийы преми
  • Христо Ботевайы преми
  • М. А. Шолоховы номыл æхсæнадæмон преми литературæ æмæ аивады
  • Михал Лермонтовы номыл литературон преми
  • Александр Фадеевы номыл литературон преми
  • Батырайы преми
  • Махмуды преми
  • С. Стальскийы преми
  • Г. Цадасы преми æмæ æндæртæ
  • Кадджын доктор (2001-æм аз)[17]

Хайон библиографи

ивын
  • Нæ хæхтæ. — 1947.
  • Мæ зæхх / Тæлмац Н. Гребнева, Я. Козловского. — Даггосиздат, 1948.
  • Хæххон зарджытæ / Тæлмац Н. Гребнева, Я. А. Козловского, В. Е. Бахнова. — М. : Мол. гвардия, 1949.
  • Ныхас хистæр æфсымæрыл. — М. : Мол. гвардия, 1952.
  • Ныхас фыдимæ. — 1953.
  • Хæххон фæндаг. — М. : Правда, 1953.
  • Лирикæ. — М. : Мол. гвардия, 1954, 1955.
  • Поэмæтæ. — М. : Сов. писатель, 1954.
  • Дагъистайнаг уалдзæг. — М., 1955.
  • Хъуыды дыл кæнын. — М. : Правда, 1956.
  • Судзы мæ зæрдæ. — М. : Детгиз, 1958.
  • Мæ Дагъистан. — М. : Правда, 1969.
  • Уарзондзинады чиныг. — М. : Сов. Россия, 1974.

Цыртытæ

ивын
  • Расул Гамзатовæн байгом кодтой цырт 2010-æм азы 16 сентябры Уырыссаг драмон театры раз фæзы Махачкалайы.
  • 2013-æм азы йын сæвæрдтой цырт Яузскон булвары Мæскуыйы (скульптортæ Игорь Новиков æмæ Шамил Канайгаджиев, архитектор Алексей Тихонов).
  • Расулæн Гамзатовæн ма ис цыртытæ Южно-Сухокумскы, Цъадайы.
  • 2014-æм азы 26 августы турккаг сахары Яловы бакодтой поэты бюст. Уыцы церемонийы хайад райстой сахары мэр Ялов Веф Салман, Хасавюрты мэр Сайгидпаша Умаханов, поэты чызг Салихат Гамзатова Уæрæейы минæвæрттæ Стамбулы æмæ ма Кавказы æхсæнадæмон кафты æмæ зарæджы фестивалы уазджытæ.
  • 2013-æм азы сентябры Хуссар Ирыстоны Цхинвалы сахары поэтæн бакодтой мысыны дур æмæ сквер поэты номыл.
  • 2013-æм азы 24 сентябры Бетъырбухы паддзахадон университеты мидæггаг кæрты бакодтой Расул Гамзатовы бюст (йæ автор дагъистайнаг нывгæнæг æмæ скульптор Гимбат Гимбатов)

Æрвитæнтæ

ивын
 
Цырт Расул Гамзатовæн Махачкалайы


Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гамзатов Расул Гамзатович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  2. 2,0 2,1 Rassul Gamsatowitsch Gamsatow // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  3. LIBRISНациональная библиотека Швеции, 2013.
  4. 06647(недоступная ссылка). www.knowbysight.info. Датæ: 2019-æм азы 19 июлы. Архив 2012-æм азы 5 декабры.
  5. 06648(недоступная ссылка). www.knowbysight.info. Датæ: 2019-æм азы 19 июлы. Архив 2012-æм азы 5 декабры.
  6. 06649(недоступная ссылка). www.knowbysight.info. Датæ: 2019-æм азы 19 июлы. Архив 2013-æм азы 13 мартъийы.
  7. Депутаты Верховного Совета СССР. 9 созыв. Издание Президиума Верховного Совета СССР. — М., 1974. — 550 с.
  8. 07704(недоступная ссылка). www.knowbysight.info. Датæ: 2019-æм азы 19 июлы. Архив 2013-æм азы 10 июлы.
  9. 07797(недоступная ссылка). www.knowbysight.info. Датæ: 2019-æм азы 19 июлы. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
  10. Юрий Михайлович Агеев / Стихи.ру. www.stihi.ru. Датæ: 2019-æм азы 19 июлы.
  11. Путеводитель — Расула Гамзатова. www.rasulgamzatov.ru. Датæ: 2019-æм азы 19 июлы.
  12. Дагестанская правда. Расул Гамзатов: дагестанская вершина мировой литературы. — 06.09.2018
  13. ФЛНКА. Лезгинский Расул Гамзатов. — 01.07.2013
  14. Газета «Тверская 13»(æнæбаххæсгæ æрвитæн) № 129. — 28.10.2010
  15. Новый директор Дагестанского музея. www.museum.ru. Датæ: 2019-æм азы 19 июлы.
  16. Члены Академии. rah.ru. Датæ: 2020-æм азы 13 августы.
  17. В СПбГУ открыли памятник почётному доктору Петербургского университета, поэту Расулу Гамзатову — Санкт-Петербургский государственный университет. spbu.ru. Датæ: 2019-æм азы 19 июлы.