Росапп у Даредзанты таурæгъты хъæбатыр. Тыхгæнæг лæг уыдис æмæ тых кодта йæ мыггагæн дæр, æмæ уæд уыдон загътой: «Аимæ цæрæн нæй, куынæ йæ амарæм, уæд». Æмæ йæ амардтой æууæнкæй. Росаппæн баззад æртæ дзидзидай сывæллоны. Сæ нæмттæ Автандил, Талиар æмæ Придон. Ахастой сæ æмæ сæ иуы хурыскæсæнырдыгæй быдыры аппæрстой, иннæйы — хурныгуылæнырдыгæй быдыры, æртыккаджы аппæрстой Моргъахъандзалы быдыры.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.