Джоакки́но Анто́нио Росси́ни (итал. Gioachino Antonio Rossini; 1792—1868) уыди италиаг композитор, динон æмæ камерон музыкæйы, стæй 39 оперæйы автор.

Джоаккино Антонио Россини
итал. Gioachino Antonio Rossini
Иумæйаг информаци
Гуырæн ном итал. Gioachino Antonio Rossini
Райгуырды датæ 1792-æм азы 29 февралы(1792-02-29)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1868-æм азы 13 ноябры(1868-11-13)[1][2][…] (76 азы)
Мæлæты бынат
Ныгæныны бынат
Бæстæ
Професситæ композитор
Сфæлдыстады азтæ 1810
Инструменттæ виолончель[d]
Жанртæ оперæ, кантатæ[d] æмæ классикон музыкæ[d]
Хорзæхтæ
великий офицер ордена Почётного легиона орден Pour le Mérite в области искусств и науки Сыгъдæг Станиславы орден
Автограф
Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Россини райгуырдис 1792-æм азы 29 февралы итайлаг сахар Пезаройы. Йæ ныййарджытæ уыдысты музыканттæ (фыд уыди трубач æмæ валторнист, мад та — зарæггæнæг). Йæ сабибонтæй Джоакино ахуыр кодта зарын, стæй чембало æмæ скрипкæйыл цæгъдын, касти музыкæйы теори. Рæсугъд хъæлæсы хицау уæвгæйæ сывæллон зарыди аргъуаны хорты, оперон театры та уыди хоры дирижер æмæ аккомпаниатор. 1806–1810-æм азты Россини ахуыр кодта музыкæ Болоньяйы музыкалон лицейы. Уым йæ ахуыргæнджытæ уыдысты В. Каведаньи (виолончель) æмæ С. Маттеи (контрапункт).

1806-æм азæй Россини уыди Болоньяйы филармонион академийы уæнг.

Йæ фыццаг оперæ («Вексель на брак») композитор ныффыста 1810-æм азы. Дарддæры азты Джоакино иудадзыг фыста оперæтæ Венецийы æмæ Миланы театртæн.

Лицей каст фæуынæй 6 азы куы рацыди (1816 аз), уæд Россини ныффыста (20 бонмæ) йæ зындгонддæр уацмыс — оперæ «Сивильяйы хилдасæг», Бомаршейы пьесæмæ гæсгæ.

1821-æм азы Россини ракуырдта зарæггæнæг Изабеллæ Кольбаны. 1823-æм азы Лондоны Къаролы театры директоры хуындмæ гæсгæ композитор араст ис Стыр Британимæ. Уым ын фондзмæйон куыстæн фыстой 7000 фунт стерлингы бæрцæн мызд.

1824-æм азы Россини сси Парижы Итайлаг театры директор.

1829-æм азы Россини раздæхти Болоньямæ. Фæлæ 1830-æм азы ноябры ногæй цæуы Парижмæ.

1836–1855 азты композитор царди Болоньяйы æмæ Флоренцийы, разамынд лæвæрдта Болоньяйы музыкалон лицейæн.

1845-æм азы фæзиан йæ фыццаг ус. Дыууæ азы фæстæ Россини ракуырдта Олимпия Пелиссьейы. 1855-æм азы музыкант æрбынат кодта Парижы. Йæ хæдзар сси сахары зындгонддæр музыкалон салонтæй иу. Джоакино Россини фæзиан 1868-æм азы 13 ноябры Парижмæ хæстæг сахар Пассийы. 1887-æм азы йæ марды буар раластой Флоренцимæ æмæ уым баныгæдтой.

Россинийы ном хæссы, йæ ныстуанмæ гæсгæ йæ райгуырæн сахары кæй сарæзтой, уыцы консерватори.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Gioacchino Rossini // Internet Broadway Database (англ.) — 2000.
  2. 2,0 2,1 Rossini // Internet Broadway Database (англ.) — 2000.
  3. Archivio Storico Ricordi — 1808.
  4. Grove Music Online (англ.)OUP.
  5. http://gallica.bnf.fr/ark:/12148/bpt6k6547447g/f190