Рудаки
Абу Абдаллах Рудаки́ (перс. ابو عبدالله رودکی; райгуырдис 860-æм азмæ ’ввахс, Панджруды, ныртæккæ Таджикистаны ис — амардис 941-æм азы) — поэт, персайнаг литературæйы бындурæвæрæг.
Рудаки | |
---|---|
Райгуырды датæ | 860[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 941[1][2] |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, фыссæг, зарæггæнæг, рапсод |
Жанр | рубаи, хъасыдæ[d] æмæ газель[d] |
Уацмысты æвзаг | персайнаг[3] |
Викикъæбицы медиа |
Нымад у персайнаг-таджикаг классикон поэзийы бындурæвæрæгæй. Æрыгон ма уыди, афтæмæй йæхицæн кад скодта куыд зарæггæнæг æмæ музыкант-рапсод. Таурæгъмæ гæсгæ, æрдзæй куырм рахаста, фæлæ уæддæр райста хорз схоластикон ахуыр, зыдта араббаг æвзаг. 40 азæй фылдæр уыди Бухарайы хицæуты цур поэтты къорды сæргъы. Афтæмæй сси стыр кад æмæ мулчы хицау. Йæ мæлæтæй чысыл раздæр йæ цæрæн бæстæйæ æрцыд тард æмæ амарди мæгуыргурæй.
Йæ литературон бынтæй нæм æрхæццæ сты минмæ æввахс дыууæрæнхъоны. Æнæхъæнæй аирвæзти хъасыдæ «Бæгæныйы мад» (933) æмæ автобиографион «Зæрыбонтыл одæ», стæй 40 цыппаррæнхъоны. Йæ иннæ уацмыстæ нæ дугмæ æххæстæй не ’рцыдысты — уыдонæй баззади æрмæст скъуыддзæгтæ.
Ныртæккæ Рудакийы ном хæссы Душанбейы сæйраг проспект.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Большая российская энциклопедия (уырыс.) — Москва: Большая российская энциклопедия, 2004.
- ↑ Персей — 2005. — Ф. 181.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 3,3 Encyclopædia Britannica (англ.)