Русинæгтæ (русин. Русини, Руснаки) у хохы цæрæг скæсæйнаг-славяйнаг этникон къорд. Уыдон дзурынц русинаг æвзагыл (иуæй-иу хатт нымад у уырыссаг кæнæ украинаг æвзаджы диалектыл).

Русинæгтæ
Нымæц 55 000 — 1 500 000[9]
Ахæлиу

Словаки Словаки: 23 746 (2021)[1]
Серби Серби: 14 246 (2011)
Украинæ Украинæ: 10 183 (2001)[2]
Америкæйы Иугонд Штаттæ АИШ: 8934 (2010)[3]
Хорвати Хорвати (Славони): 1936 (2011)[4][5]
Венгри Венгри: 1292 (2001)[6][7]
Уæрæсе Уæрæсе: 225 (2010)[8]

Æвзаг русинаг, украинаг
Дин чырыстон дин
Хæстæг адæмтæ украинæгтæ, уырыссæгтæ, белоруссæгтæ, словакæгтæ, поляктæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Русинæгты этнологион статус у дайуаг. Украинæйы ныгулæны, русинæгты стыр хай кæм цæры, уыдон нымад сты украинаг адæмы дæлкъордыл, кæд русинæгтæй алчидæр ууыл разы нæу, уæддæр. Словакийы та русинæгтæ нымад сты хицæн адæмыл, ис сæм чысылдæр адæмы сæрмагонд статус. Венгри æмæ Словаки русинæгтæн дæттынц «фæсарæйнаг æмбæстонты» статус, уымæй фæзыны уыцы бæстæтæм æнцонæй бацæуыны фадат.

Украинæйы русинæгтæ тырнынц автономимæ. 1991 азы 1 декабры Фæскарпаты облæсты цæрджытæй 78% схъæлæс кодтой, цæмæй облæст уа «сæрмагонд хиуынаффæйады территори»; Украинæ, кæд уыцы референдумæй йæхæдæг хæдбар сси, йæ Фæскарпаты фæстиуæг игнор кæны, облæсты статус ивынмæ нæ хъавы[10][11].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. SODB2021 - Obyvatelia - Základné výsledky
  2. Всеукраїнський перепис населення 2001 | Результати | Основні підсумки | Національний склад населення | Закарпатська область:
  3. American FactFinder - Results(недоступная ссылка). Датæ: 2016-æм азы 31 январы. Архив 2020-æм азы 12 февралы.
  4. Population of Croatia 1931—2011(англ.)
  5. В Хорватии по переписи 2011 года русин с украинцами — 4314 человек
  6. 1.5 Population by affinity with cultural values, traditions of ethnic groups and main age groups , 2001 Архивгонд æрцыдис 21 апрелы 2007 азы.(англ.)
  7. В Венгрии по переписи 2001 года русин с украинцами — 6071 человек
  8. Итоги Всероссийской переписи населения 2010
  9. Unrepresented Nations and Peoples Organization. Rusyn: Status Remains Undetermined(англ.)
  10. http://www.pravoslavie.ru/analit/rusideo/rusvoprosukr.htm
  11. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 26 январы. Архив 2008-æм азы 31 декабры.