Салæгатæ (уырыс. Салагаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Салæгаты хистæртæ куыд нымайынц, уымæ гæсгæ сæ фыдæл Салæга уыд, Тимуры ныхмæ чи тох кодта, уыцы алантæй. Фæлæ Салæга кæмæй уыд, чи уыд йæ фыд, Стыр Дыгуры Одолайы хъæумæ куыд æрбафтыд, уый таурæгъгæнджытæ нæ зонынц. Салæгаты абоны фæлтæртæ сæ фыдæлтыл нымайынц Бадзай, Темболат æмæ Даукуйы. Сæ байзæддагæй ма абон дæр ис цæрджытæ Чырыстонхъæу æмæ Цыколайы.

Салæгаты Бадзай æмæ Даукуй зыдтой бирæ рагон таурæгътæ æмæ кадджытæ. Цагътой сæ хъисын фæндырæй. Иу таурæгъмæ гæсгæ, Салæгатæ Кæсæджы æлдæрттæй балхæдтой зæхх Кæсæджы. Сæ фос уым хызтой, хызта сæ фынддæсаздзыд Бадзай. Уæд иубон кæсгон æлдæрттæ бацыдысты æмæ Бадзайæн йæ фос ратардтой, йæхицæн ын йæ къæхтыл хъадамантæ бакодтой. Афтæмæй сæ фæрæт баззад Бадзайы цур. Бадзай асаста йæ хъадамантæ æмæ ралыгъд. Иу хъæды мæра бæласы бабырыд, фæдисонтæ йæ не ’ссардтой. Бадзай рахызт бæласы мæрайæ æмæ дарддæр ацыд, бахауд иу хъæумæ. Хъæуы хистæртæ ныхасы бадтысты. Бадзай зæронд лæгты раз йæ зонгуытыл æрлæууыд, ракодта сын йæ хабар. Ныхасы лæгтæ йæ бафарстой кæцæй у, кæмæй æмæ йæ йæ хæдзарыл сæмбæлын кодтой.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 107.