Санахъоты Алексийы фырт Пъауле (райгуырдис 1882-æм азы Дзауы хъæуы — амардис 1962-æм азы) у ирон фыссæг, тæлмацгæнæг, æвзагзонæг.

Санахъоты Пъауле
Райгуырды датæ 15 (27) январы 1882
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1962
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Цардафыст ивын

Санахъоты Пъауле райгуырдис 1882-æм азы Дзауы хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары.

Пъауле фыццаг ахуыр кодта приходы скъолайы, стæй та — 1897-æм азы бацыд Æрыдоны дины семинармæ æмæ йæ 1902-æм азы каст фæцис æнтысгæйæ æмæ йын хуыздæр амал кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ иуцасдæр рæстæджы дæргъы акуыста сауджынæй. Æниу дины хабæрттæ нæ дæр йæхи уырныдтой, нæ дæр сæ зæрдæйæ амыдта, чи йæм хъуыста, уыдонæн. Фæстæдæр дины куыст раивта хъæууон райдиан скъолаты ахуыргæнæджы куыстæй — рухсад тыдта Къахеты ирон хъæуты 1925-æм азы онг.

1925-æм азы Пъауле æрыздæхтис Хуссар Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта мыхуыры органты æмæ рауагъдады, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæг институты зонадон кусæгæй.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Мысинаг фыдæл // Журнал «Фидиуæг». №3, 1982